Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы цады доныхъазты бынат рæстæгмæ раивтой парчи хæдзарадон кæртмæ
Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы доны хъазты мыггаг кæй фæфылдæр, уый горæты цæрджытæ фарон уайтагъд бамбæрстой. Зымæджы мæргътæн сæ бынат раивтой. Фæлæ ацы аз зæрдæ æвæрынц, сæрмагондæй ацы мæргътæн цад сыгъдæггонд кæй æрцæудзæн. Уый фидæнмæ нысæнттæ. Фæлæ ныр та куыд цæрынц уыцы диссаджы мæргътæ, уый тыхæй нæ дарддæры æрмæг. Дзæуджыхъæуы сæйраг парчы цады рæстæгмæ дон нæй.Уæвгæ дзы адæмæн уарзон мæргъты дæр нæ фендзынæ. Цады арфы æлыг, æрæмбæрзта йæ мит.Тагъд йӕ сыгъдæггæнæн куыстытæ райдайдзысты. Ныридæгæн доны ленкгæнæг мæргъты дарынц Сæйраг парчы хæдзарадон кæрты.Уый зымæджы æнæмæнг хъуыддаг у. Афтæ æрвылаз дæр. Ам доны хъазтæн, хуымæтæг хъазтæн ис, йæ арф 1,5 метры кæмæн у, ахæм сæрмагонд бассейн. Уым æппынæдзух дон ивынц. Мæргътæн та бон дыууæ хатты дæттынц хӕринаг. Уыдонæн сæ хæрд дæр сæрмагонд у. Доны хъазтæм æппынæдзух йæ хъус дары ветеринар. Ис дзы 8 хъомыл маргъы æмæ семӕ гыццылтӕ.Фæлæ фарон ам цы 5 лæппын цъиуы уыд, уыдонæй, хъыггагæн, удæгасæй баззадысты æрмæстдæр æртæ. Парчы кусджытæ удуæлдайæ архайынц, ацы мæргъты уавæртæ æрдзон уавæртæм фæхæстæгдæр кæныныл. Хойрагæй уæлдай ма мæргъты хъæуы, цæмæй донмæ хæстæгдæр уой. Дон бассейны къуыри иу хатт раивынц. Фæлæ ацы цымыдисаг мæргъты сыгъдæг цады республикæйы цæрджытæ æмæ уазджыты бон фенæн уыдзæн уалдзæджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv