«Сад памяти» акцийы фæлгæты Цæгат Ирыстоны ацы аз ныссагътой 45 мин 500 бæласы талайы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

«Сад памяти» акцийы фæлгæты Цæгат Ирыстоны ацы аз ныссагътой 45 мин 500 бæласы талайы. Уал адæймаджы нæ республикæйæ нал сыздæхтысты Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй. Акцийы тыххæй бæрæггæнæнтæ хъусын кæны æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрады прессс-службæ. Мадзал райдыдта 23 мартъийы Майрæмададжы, кæронмæ æрхæццæ 20-æм апрелы Елхотты. Уым мадзал сбастой Советон Цæдисы фыццаг хъæбатыр Ирыстонæй Милдзыхты Хадзымырзæйы номимæ. Иннæ регионты «Сад памяти» дарддæр цæуы. Йæ кæронбæттæн уыдзæн 22 июны Бресты фидары цур. Йæ сæйраг хæс советон салдæтты хъæбатырдзинад ма рох кæнын. Мадзалы амидингæнджытæ сты «Уæлахизы бархионтæ», хъæды хæдзарады федералон агентад æмæ æрдз хъахъхъæныны æппæтуæрæсеон æхсæнад. Цъæхфæлыст садзыны кампани цæуы нацпроект «Экология»-йы фæлгæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

«Сад памяти» акцийы фæлгæты Цæгат Ирыстоны ацы аз ныссагътой 45 мин 500 бæласы талайы

Категория:

Новости и СМИ