Раззагазиаг фыранктæ сахуыр сты сæ ног хæххон бынæтты
Раззагазиаг фыранктæ сахуыр сты сæ ног хæххон бынæтты. Цæгат Ирыстоны цы фыранкты рауагътой, уыдон мæйæ фылдæр цæрынц Турмонскы æрдзæвæрæны хъæдрæбын. Агуындæ йæ рауагъдæй фæстæмæ ацыд 168 км, æй 121 км - æстаг мæй. У тынг биноныг, йæ цæрæн бынатæй дард нæ цæуы. Куыд рабæрæг, афтæмæй Агуындæ нæ тырныдта хохы цъуппытæм хизын. Уæдæ Батрадз та разынд сæрæндæр. Йæ рауагъдæй фæстæмæ ацыд 263 км. Уыдонæй 190 км - фæстаг мæй. Цы фæзуæттыл æрзылд, уый та у 315 кв.км. Ныридæгæн фыранктæ сты, кæм сæ рауагътой, уыцы бынæтты. Ӕрмæстдæр Батрадз дыууæ хатт балцы рацыд Турмонскы æрдзæвæрæнæй дарддæр. Иу хатт та хæдтулгæйы видеоцæстдардæй æрцыд нысангонд фæндаджы сæрты хизгæйæ. Ӕнæхъæн мæй сырдтæ сæхæдæг амал кодтой хæринаг. Зæгъын хъæуы уый, æмæ Батрадз æмæ Агуындæ кæрæдзимæ æввахс нæ цæуынц. Се 'хсæн 18 км. къаддæр нæ вæййы. Иунæг хатт дæр кæрæдзиимæ нæ фембæлдысты. Специалисттæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Цæгат Кавказы хъуамæ 50 фыранкæй къаддæр ма уа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Раззагазиаг фыранктæ сахуыр сты сæ ног хæххон бынæтты
Категория:
Новости и СМИ