Коронавирусимæ цы дохтыртæ тох кодтой, уыдоны номыл цыртдзæвæн саразыны конкурсы хатдзæгтæ
Коронавирусы ныхмæ цы дохтыртæ тох кодтой, уыдоны номыл Дзæуджыхъæуы фæзындзæн цыртдзæвæн. Цавæр хъуамæ уа, уый тыххæй сарæзтой конкурс республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисӕй. Ныр хатдзæгтæ скодтой. Архайдтой дзы скульптортæ, ахитектортæ, дизайнертæ æмæ профилон ахуыргæнæндæтты студенттæ. Ахсджиаг уыд канд скульптурæйы хуыз`рхъуыды кӕнын нӕ, фæлæ ма йæ алфамблай цы ис, уый хынцгæйæ бакусын проектыл. Æдæппæтæй конкурсы бацархайдтой 17 адæймаджы. Монумент сараздзысты Барбашов æмæ Леваневскийы номыл уынгты тигъыл. Ныридæгæн дзы скодтой фидæны цыртдзæвæнæн дурæвæрд. Жюрийы уæнгтæ равзæрстой, дохтыры сурæт æппæты хуыздæр чи раргом кодта, уый куыст. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусимæ цы дохтыртæ тох кодтой, уыдоны номыл цыртдзæвæн саразыны конкурсы хатдзæгтæ
Категория:
Новости и СМИ