Даргъ-Къохы бындуронæй цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар
Даргъ-Къохы сывæллæттæн аразынц хуыздæр уавæртæ. Бындуронæй дзы цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар. Бæстыхайыл цæуы 40 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ æрцыд заууатмæ. Риссаг фарста размæ рахастой, Битарты Вячеслав Кировы районы цæрджытимæ куы фембæлд, уæд. Куыд цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ, уый федта не 'сфæлдыстадон къорд дæр. Бæлвырддæр, нæ дарддæры æрмæджы. Цар ныккæлынвонг, рудзгуытæ саст. Даргъ-Къохы культурæйы хæдзар æрæджытæм дæр ма уыд ахæм уавæры. Сарæзтой æй 70-æм азты. Уæдæй абонмæ бæстонæй цалцæггонд никуы уыд. Къуымæллæгкаты Терезæ ам бирæ азты дæргъы сабиты ахуыр кæны сфæлдыстады сусæгдзинæдтыл. Культурæйы хæдзары æвзæр уавæрыл йæ зæрдæ рагæй рысти. Районы цæрджытæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ куы фембæлдысты, уæд Терезæ йемæ культурæйы хæдзары уавæры фарстайыл æрныхас кодта. Куыд рабæрæг, афтæмæй объекты гæххæттытæ арвыстой Мæскуымæ. Дыууæ мæйы размæ та йæ райдыдтой бындуронæй цалцæг кæнын. Бæстыхайæн систой йæ зæронд цар. Ног уæлцъары бындур сахуырстомй зынгсирвæсты ныхмæ арæзт хъацæнтæй. Нывыл кæнынц бæстыхайæн йе 'ддаг бакаст дæр. Зæронд саст рудзгуытæ ногтæй раивтой. Культурæйы хæдзары уыдзæн ног электрикæ. Сараздзысты дзы вентиляцион системæ æмæ зынгсирвæзт ма руадзынæн сигнализаци. Уыимæ ма, дзы фæзындзæн химæ зилæн уæттæ. Хорз уавæртæ дзы уыдзæн йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн дæр. Ног уавæрты кусынмæ тынг æнхъæлмæ кæсынц куыд сывæллæттæ, афтæ ахуыргæнджытæ дæр. Цалцæггæнæн куыстытæн ныридæгæн баххæст кодтой се'ртыккаг хай. Æдæппæтæй сыл бахардз кæндзысты 16 милуан сомы бæрц. Дыууæ мæйы фæстæ культурæйы хæдзары ногæй азæлдзæн музыкалон инструментты цагъд æмæ сабиты хъæлæстæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Даргъ-Къохы бындуронæй цалцæг кæнынц культурæйы хæдзар
Категория:
Новости и СМИ