Æхсæнадон транспорты цæуыны ног домæнтæ æмæ культурæйы хæдзæртты куыст карантины рæстæг
Абонæй фæстæмæ нæ республикæйы сæ тыхы карздæрæй бацыдысты æхсæнадон бынæтты маскæтæ æмæ æрмкъухтæ дарыны домæнтæ. Уынаффæ бафыста Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Адæмы æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй æмæ хæцгæ низы тых фæлæмæгъдæр кæнынæн республикæйы цæрджытæн æнæ хъахъхъæнæн дзаумæттæй нæ уыдзæн цæуæн сæрмагонд бынæтты. Уыдонмæ хауынц поликлиникæтæ, дуканитæ, базарадон центртæ, æхсæнадон транспорт æмæ такситæ. Æхсæнадон транспорт у, бирæ адæймæгтæ къуындæг уавæрты кæм вæййынц, ахæм бынат. Æмæ маршрутон такситы, стæй автобусты низæй хи бахъахъхъæнынæн стыр нысаниуæг ис. Уæдæ æхсæнадон транспорты сæрмагонд домæнтæ куыд хъуамæ æххæст кæнæм, уый тыххæй æрныхас кæндзыстæм нæ республикæйы промышленносты æмæ транспорты министры хæдивæг Æмбалты Хъазыбегимæ. Коронавирусы аххосæй царды алы куыстуæттæ дæр сæ архайд аразынц ног хуызы. Кæйдæр æрхъуыды кæнын хъæудзæн ног гæнæтæ, чидæр йæ куыстмæ бахæсдзæн уæлæмхасæн хъуыддæгтæ, кæйдæр та йæ куыст бынтондæр сæхгæнын бахъæудзæн. Ног рæстæджы ног гæнæтыл хъуыды кæнынц культурæйы кусджытæ дæр. Нæ республикæйы культурæйы хæдзæрттæ, кæд æхгæд сты, уæддæр сæ архайд нæ мынæг кæны. Цы хуызы? Уымæй та бафæрсдзыстæм не студийы уазджыты: Рахизфарсы районы культурæйы Хæдзары кусæг Туаты Тугъаны, Зилгæйы культурæйы хæдзары сæргълæууæг Гаглойты Альбинæйы, Æрыдоны районы Мичурины культурæйы хæдзары сæргълæууæг Елойты Хъазыбеджы æмæ Мичурины культурæйы хæдзар ансамбль «Саби»-йы разамонæг Магкæты Лаурæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æхсæнадон транспорты цæуыны ног домæнтæ æмæ культурæйы хæдзæртты куыст карантины рæстæг
Категория:
Новости и СМИ