Республикон клиникон рынчындоны ис 179 адæймаджы
Цæгат Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фæстаг бæрæггæнæтæм гæсгæ республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 210 адæймаджы. Уыдонæй Республикон Клиникон Рынчындоны ис 179 адæймаджы. Референц-центры COVID кæмæ сбæрæг кодтой, уыдоны нымæц у 29 адæймаджы. 18-æй сты улæфæн аппаратты бын. Сывæллæтты Республикон Клиникон Рынчындоны ис 13 сывæллоны æмæ иу карджын адæймаг. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 7 сывæллонмæ æмæ 1 карджын адæймагмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Республикон клиникон рынчындоны ис 179 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ