Туристон маршруттæ регистраци кæнынæн сæгмагонд пост
Хæхтæм цæуынвæнд чи кæны, уыцы туристтæ электрон регистрацийы системæйæ спайда кодтой 120 хаттæй фылдæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады управленийæ. Балцвæд фæнысан кодтой туристон къордты разамонджытæ Уæрæсейы алы регионтæй: Краснодар, Красноярск, Свердловск, Череповец, Ярославь æмæ Мæскуы. Арæхдæр туристтæ цæуынц Хъæрмæдон æмæ Дыгургоммæ. Бæлццæтты ныхæстæм гæсгæ, онлайн хуызы регистраци скæнæн ис тагъд æмæ æнцонæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад республикæйы цæрджытæ æмæ уазджыты зæрдыл лæууын кæны, балцвæдты регистраци туристты æдасдзинадæн арæзт кæй цæуы. Бахъуаджы сын æмбæлгæ æххуыс бакæнынæн. Ведомствæйы сайты фæзынд сæрмагонд сыф. Регистраци скæныны фадат дзы ис куыд уæрæсейаг, афтæ фæсарæйнаг туристтæ æмæ альпинисттæн. Фæнысан кæнын хъæуы балцы рæстæг, маршрут, къорды цал адæймаджы уыдзæн, стæй фæстæмæ кæд хъуамæ сыздæхой, уыдæттæ. Къорды разамонджытæ хъуамæ æнæмæнг фехъусын кæной, фæстæмæ куы сыздæхой, уæд агурæн ирвæзынгæнæн радгæс къордтæн. Регистраци скæнæн ис интернеты сæрмагонд сыфмæ бæрæггæнæнтæ арвитгæйæ. Æмбæлгæ информаци ма базонæн ис 101 æмæ 102 номыртæм бадзургæйæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Туристон маршруттæ регистраци кæнынæн сæгмагонд пост
Категория:
Новости и СМИ