25 январы Уæрæсейы бæрæг кæнынц студенты бон
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц студенты бон – «Татьянин день», зæгъгæ. Бæрæгбоны фæдыл Цæгат Ирыстоны студенттæн арфæ ракодта регионы разамонæг Сергей Меняйло. Æрыгон фæлтæрæн йæ зæрдæ зæгъы сæ фæндтæ æнтыстджынæй сæ къухты куыд æфтой, размæ куыд тырной æмæ æвæллайгæйæ сæхиуыл дарддæр куыд кусой, уый. «Сымах стут нæ фидæн æмæ уæ мах стæм сæрыстыр», - фæнысан кодта Сергей Меняйло. Ацы бон уæлдæр ахуыргæнæндæтты студенттæ бацархайынц алыхуызон мадзæлтты: зонындзинæдтæ æвдисыныл, алыхуызон спортивон ерысты æмæ конкурсты. Студенттæн бæрæгбон дæтты фадат сæ ахуыры хабæрттæ рæстæгмæ фæуадзынæн æмæ сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвитынæн. Уæвгæ, ацы аз эпидемиологон уавæры тыххæй бæрæгбон афтæ парахатæй не сбæрæг кæндзысты. Æдæппæтæй Уæрæсейы ис 4 млн студентæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv