Мæздæджы районы цæттæ кæнынц хъармгæнæн рæстæгмæ
Мæздæджы районы цæттæ кæнынц хъармгæнæн рæстæгмæ. Цалцæггæнæн куыстытæн рахай кодтой 35 милуан сомы. 12 хъармгæнæнæй ныридæгæн банывыл кодтой дыууæ. Æмткæй райсгæйæ сцалцæг æмæ сног кæндзысты 78 километры дондзæуæн æмæ хъармгæнæн хæтæлтæ. Фондз донцъирæн станцæйæ цыппар срæвдз сты. Коммуналон хæдзарады куыстытыл схардз кæндзысты 19 милуан æмæ 600 мин сомы. Республикæйы районтимæ абаргæйæ Мæздæджы районы цæрæнуæтты фонд у æппæты стырдæр. Зымæгмæ дзы бацæттæ кæнын хъæуы 286 бирæфатерон хæдзары. Бафтаудзыстæм ма уый коммуналон хæдзарады объектты куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ йæ хъус дары сæрмагонд къамис. Се `хсæн федералон цæстдарæн органтæ æмæ бынæттон хиуынаффæйады минæвæрттæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы цæттæ кæнынц хъармгæнæн рæстæгмæ
Категория:
Новости и СМИ