Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр бæрæг кæны йæ 85 азы юбилей
Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театрыл абон æххæст кæны 85 азы. 1935 азы 10 ноябры фыццаг хатт йæ æмбæрзæн байгом кодта. Уæд бындур æвæрд æрцыд, театр абон сæрыстыр кæмæй у, уыцы хуыздæр традицитæн, æмæ сæ уæдæй нырмæ артистты фæлтæртæ æххæст кæнынц æнувыдæй. Бирæ азты дæргъы театры сценæмæ амонды æнкъарæнтимæ цыдысты, ирон аивадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы номдзыд артисттæ. Театры размæ цы егъау хæстæ лæууы, уыдон хорз æххæст кæнын йæ нырыккон фæлтæр дæр. Бæлвырддæр ирон театры ивгъуыд æмæ фидæнмæ пълæнтты тыххæй радзурдзæн Дзæдзойты Фатимæ. Цас æмæ цас уарзæгой зæрдæты ахъардтой ацы рæсугъд ныхæстæ. «Пæшæйы фæндон» у театры репертуары фидауц. Театрдзаутæ йæ бауарзтой æмæ йын бирæ æзты дӕргъы кæнынц стыр аргъ. Сæйраг ролтæй иуы дзы ахъазыд Хъæрджынты Варварæ. Ныр дæр ма артисттæн дæнцæг у, Варя Мысырханы сурæт куыд раргом кодта, уый. Пæсæ æмæ Æхсарбеджы уарзон фæлгонцтæ абон равдисын фæнды театры æрыгон артистты. Спектакль æвæрынц 3-аг хатт. Ирон театры 85-æм Гуырæнбонмæ алы режиссеры дæр фæнды адæмы уарзондæр спектакль ногæй сæвæрын. Æрыгон артисттимæ йыл кусы, йæхæдæг дзы сæйраг фæлгонцтæй иу чи раргом кодта, уыцы актер, ныры режиссер æмæ нæ республикæйы адæмон артист Цæриаты Валерий. Аивадон традицитæн бындур сæвæрдтой æмæ сæ азæй-азмæ хъæздыгдæр кодтой ирон аивадæн йæ цард чи снывонд кодта, уыцы номдзыд артисттæ: Таутиаты Солæман, Тæбæхсæуты Бало, Хъæрджынты Варя, Икъаты Серафин, Баллаты Валодя, Саламты Къола, Уататы Бибо, Бирæгъты Къоста, Годжысаты Исахъ æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон сæ цард æххæстæй радтой райгуырæн бæстæйы кадæн. Ирон театры артисттæ сценæйыл бирæ сурæттæ раргом кодтой трагеди, драмæ ӕмӕ комедийы дæр. Нырыккон артисттæй бирæтæ сæрыстыр сты, театрæн бындур чи сæвæрдта æмæ йын ном чи скодта, уыдонимæ зонгæ кæй сты æмæ сæ фæлтæрддзинад æмæ курдиатæй хайджын кæй фесты, уымӕй. Театры размæ цы егъау хæстæ лæууы, уыдон тынг хорз æххæст кæнынц йæ нырыккон артисттæ дæр. Се сфæлдыстадон биографи у ирд æмæ хъæздыг. Аивадæн ис йæхи миниуæг - хуыздæрæй-хуыздæр кæнын. Ӕмæ уыцы хорзæн та кæрон нæй. Стыр курдиаты фæрцы нӕ ирон аивад хъæздыгдæр кæнынц. 85 азы размæ, 10-æм ноябры йæ дуæрттæ фыццаг хатт байгом кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон драмон театр. Уый аивадуарзджытæн ссис стыр бæрæгбон. Уæд бындур æвæрд æрцыд, театр абон сæрыстыр кæмæй у, уыцы хуыздæр традицитæн, æмæ сæ уæдæй нырмæ артисттӕ фæлтæрӕй фӕлтӕрмӕ æххæст кæнынц æнувыдæй. Ирон театр у аивады артдзæст. Рухстауыны фæрæз. Йæ равзæрдмæ бæллыдысты ирон адæмы инелегнцийы минæвæрттæ - Хетæгкаты Къоста, Брытъиаты Елбыздыхъо, Кочысаты Розæ æмæ æндæртæ. Ныфс ис, ирон театр фидæны дæр æнтыстджын, кадджын æмæ адæмуарзон кæй уыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон академион театр бæрæг кæны йæ 85 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ