Саулаты Валерийы схорзæхджын кодтой «Горæт Ялтæйы кадджын цæрæджы» номæй
Не ’мзæххон, Хъырымы республикæйы зындгонд архитектор, Цæгат Ирыстоны минæвар Хъырым æмæ федералон нысанимæ горæт Севастополы, ирон диаспорæйы сæрдар Хъырымы Саулаты Валерийы схорзæхджын кодтой «Горæт Ялтæйы кадджын цæрæджы» номæй. Фыццаг ирон адæймаг, ахæм кад кæмæн скодтой. Саулаты Валерий йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй 2020-æм азы æххæст кæны 10 азы, Ялтæ æмæ Дзæуджыхъæу æфсымæрон горæттæ куы систы, ууыл. Æхсызгон мын у, ацы кадджын ном райсын, загъта не ’мзæххон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Саулаты Валерийы схорзæхджын кодтой «Горæт Ялтæйы кадджын цæрæджы» номæй
Категория:
Новости и СМИ