РЦИ-Аланийы фысджыты цæдисы равдыстыты залы кадджын уавæры байгом Гасынты Жоржы нывты равдыст
Нывгæнæг, этнограф, дæсны кафæг, зарæггæнæг, публицист, актер. Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залы байгом Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Гасынты Жоржы равдыст «С искусством сквозь года», зæгъгæ. Бахастой йæм 84 нывы. Мидисджынæй сæ æвдыст цæуынц историон хъайтартæ æмæ цаутæ, ирон адæмы таурæгътæ æмæ кадджытæ. Автор фылдæр кусы портрет æмæ пейзажы жанрты. Равдыст гом кæнгæйæ, раныхас кодтой йæ хæлæрттæ, нывгæнджыты цæдисы уæнгтæ æмæ йын йе сфæлдыстадæн стыр аргъ чи кæны, уыдон. Арфӕтимӕ нывгæнæгмæ ӕрбацыд республикæйы парламенты сæрдар Алексей Мачнев дæр. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй Гасынты Жоржы архайд, йе сфӕлдыстад кӕддӕриддӕр бӕрӕг дардзысты Ирыстоны аивадыл, уымæн æмæ стыр сфæлдыстадон хъаруйы хицау нæ культурæйæн лæггад кæны удуæлдайæ. Нывгæнæджы куыстытæ сты канд Ирыстоны музейты нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æмæ фæсарæнты дæр. Равдыст цæудзæн нывгæнджыты цæдисы 2-æм мартъийы онг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы фысджыты цæдисы равдыстыты залы кадджын уавæры байгом Гасынты Жоржы нывты равдыст
Категория:
Новости и СМИ