Цæгатирыстойнаг спортсментæ уæззау атлетикæйæ Европæйы чемпионаты рамбылдтой дыууæ майданы
Уæззау атлетикæйæ Европæйы чемпионат ацыд Мæскуыйы. Архайдтой дзы Цæгатирыстойнаг спортсментæ дæр - Наниты Тимур æмæ Соттиты Янæ. Уæрæсейы иугонд командæйы майданты хыгъдмæ спортментæ дæр бахастой се 'вæрæн - бронзæ æмæ æвзист майдантæ. Сæхи равдисынмæ спортсментæ цæттæ кодтой бындуронæй. Райдыдтой, Европæйы чемпионатмæ ма бирæ рæстæг хъуыд, афтæмæй. Пандемийæйы аххосæй ерыстæ цалдæр хатты аргъæвтой. Наниты Тимуры ныхæстæм гæсгæ, æппæты зындæр уыд психологон æгъдауæй. Зæрдæргъæвд куыст радта йæхи тала - бронзæ майдан. Ууыл атлет æрæнцайынмæ нæ хъавы. Йæ сæйраг ерыстæ сты фидæны Олимпиадæйы Токиойы. Тимур хъахъхъæндзæн Уæрæсейы кад. Æппæт хъæугæ домæнтæ ацæугæйæ, спортменæн радтой путевкæ сæрдыгон хъæзтытæм. Цæттæ йæ кæны йæ фыд. Зæрдæ дары æрмæстдæр уæлахизыл. Ирыстойнаг атлетты хæрзиуджыты голладжы ма ис иу æвзист майдан. Йæ хицау у Сотиты Янæ. 18-аздзыд штангæйыл хæцæг чызг æрæджы ерысты систа 137 кг. Уый фæрцы рамбылдта сыгъзæрин майдан. Фæлæ, уый хыгъд, тæрхонгæджытæ аипп æрхастой, ома, йæ рæмбыныкъдзæй æгæр бакуыста, зæгъгæ. Ерысты бацархайдтой 300 спортмненæй фылдæр, 40 бæстæйæ. Нæлгоймæгты æмæ сылгоймæгты ’хсæн байуæрстой хæрзиуджыты 10 комплекты. Уæрæсейы иугонд командæ дзы фæхъæздыгдæр 9 майданæй. Брытъиаты Феликс _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгатирыстойнаг спортсментæ уæззау атлетикæйæ Европæйы чемпионаты рамбылдтой дыууæ майданы
Категория:
Новости и СМИ