2020-æм азы Цæгат Ирыстон райста хъæды зынгсирвæзтытæ хуыссынгæнæн техникæйы æртæ иуæджы
2020-æм азы Цæгат Ирыстон райста хъæды зынгсирвæзтытæ хуыссынгæнæн техникæйы æртæ иуæджы. Сæ иумæйаг аргъ -13 милуан сомы. Ног техникæ самал кодтой национ проект «Экологи»-йы фæлгæты. Уый тыххæй хъусын кæнынц республикæйы æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министрадæй. Æмткæй райсгæйæ, нæ республикæ национ проектмæ гæсгæ дыууæ азмæ райста хъæды зынгсирвæзтытæ хуыссынгæнæн техникæ æмæ ифтонггарзы 15 иуæджы. Уыцы хъуыддагæн республикæйы æмæ федералон бюджетæй рахай кодтой 35,79 милуан сомæй фылдæр. Афтæмæй нæ республикæ ифтонггонд æрцыд дыууæ бульдозеры, универсалон модул, æртæ патрулон комплексы æмæ дыууæ автоцистернæйæ. Уыимæ ма трактортæ æмæ уæзласæн хæдтулгæтæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ зынгхуыссынгæнæн техникæ æмæ кусæн гæрзтæ баивды руаджы хъæды зынгуыссынгæнджыты ифтонггад ныртæккæ у 74%. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
2020-æм азы Цæгат Ирыстон райста хъæды зынгсирвæзтытæ хуыссынгæнæн техникæйы æртæ иуæджы
Категория:
Новости и СМИ