Уыналы Цæллагты этномузейы байгом кинотеатр гом арвы бын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Уыналы Цæллагты этнокомплексы фæзынд кинотеатр. Гом арвы бын кинонывтæм бакæсæн ис лæвар. Уазджыты бон у рагагъоммæ равзарын социалон хызæгты, цавæр киномæ кæсдзысты, уый. Чысыл уазджыты бон та у фенын ирон æвзагмæ тæлмацгонд мультипликацион кинонывтæ. Æрдзы хъæбысы, гом арвы бын киномæ бакæсын. Сæрдыгон уый у бирæты бæллиц. Ныр ахæм фадат фæци нæ республикæйы цæрджытæн. Цæллагты этномузейы Уыналы байгом кинотеатр. Уазджыты бон у рагагъоммæ равзарын социалон хызæгты киноныв. Комплексы разамонæг Цæллагты Зауыры ныхæстæм гæсгæ, фылдæр æргом здахынц ирон кинонывтæм, нæ культурæимæ баст кæй сты, уый тыххæй. Кинонывтæм бакæсæн ис фæлладуадзæн бонты лæвар. Чысыл уазджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнынæн дæр фадæттæ сарæзтой. Кинонывты æвдыстæй уæлдай ма уазджытæ æмбæлдзысты режиссертæ, зарæггæнджытæ æмæ историктимæ. Цæллагты этнокомп лекс ныридæгæн бирæ адæмæн сси уарзон бынат. Æрвылаз дзы арæзт цæуынц алыхуызон культурон мадзæлттæ. Уыдонæй сæ иу - проект «Этнолагерь». Фæсарæнты цы ирæттæ цæрынц, æмæ сæ рагфыдæлты традицитæ æмæ культурæимæ хæстæгдæр базонгæ уæвæн кæй фæнды, уыдон æрбангом вæййынц ам. Канд фенæн нæ, фæлæ сæхи къухтæй цымыдисаг дзаумæттæ саразыны фадат дæр сын вæййы. Цæллагты мæсыг цалдæр æнусмæ заууат уавæрмæ æрцыд. Мыггаг æй сфæнд кодта сног кæнын æмæ дзы музей рацаразын. Ныртæккæ мæсыджы алыварс ис æнæхъæн комплекс. Гом арвы бын амфитеатр. Симды фæз. Уый фæрцы дзы ис мыггаджы, стæй нæ рагфыдæлты бæрæгбæттæ аразыны фадат, нæ фыдæлты царды фæтк æмæ культурæ æвдисгæйæ. Комплексæн йæ рæбинаг цæджындз, æнæмæнг, у мæсыг. Йæ бæрзæнд у 17 метры. Ис дзы æртæ уæладзыджы. Алы уæладзыгыл дæр фенæн ис рагон кусæнгæрзтæ æмæ дзауматæ. Комлпекс аразджытæм ма фидæнмæ дæр бирæ фæндтæ ис. Фысымуаты цуры та ма самайдзысты гæнах 11 метры бæрзæндæн. Объекттæ араздзысты, нæ рагфыдæлттæ куыд кодтой, афтæ - дур æмæ хъæдæй. Уыдон дæр уыдзысты комлпексы хæйттæ. Хæстæгдæр дыууæ азы хъуамæ сæ саразын къухы бафта. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уыналы Цæллагты этномузейы байгом кинотеатр гом арвы бын

Категория:

Новости и СМИ