Æрмдæсны Таутиаты Азæ аразы куклатæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

5 лет назад

Саразын эскиз, бафидар кæнын фыццаг тел, сныв кæнын цæсгом, бахуыйын уæлæдарæс, бафидар ыл кæнын дзыккутæ. Æмæ дзы раст рауайы æцæг адæймаг. Таутиаты Азæ алыхуызон куклатæ аразы ныр къорд азы. Зоны ацы куысты æппæт сусæгдзинæдтæ. Сылгоймаджы æрмадз бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Алы сурæт, алы бакаст æмæ уæлæдарæсæн дæр йæхи истори. Таутиаты Азæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй кукла кæм фены, уым æм хъуамæ бæстонæй æркæса. Йæ алы хай дæр ын лыстæг равзары. Йæхи афæрсы, цымæ дзы цы аивин, зæгъгæ. Ныр 9 азы дæргъы сылгоймаджы къухы цал куклайы бафтыд саразын, уый зын зæгъæн у. Алыхуызон у сæ ас æмæ тематикæ. Фæлæ Азæ йе 'сфæлдыстады фылдæр архайы ирон националон культурæ равдисыныл. Йæ «Ирон фынг», «Сырдон», «Хъуыбады» æмæ бирæ æндæр хъайтартимæ алыхуызон равдыстыты архайдта æрмæст нæ бæстæйы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр. Йæ зонындзинæдтæ абон сылгоймаг не 'вгъау кæны. Ис йæхицæн сæрмагонд æрмадз. Кукла йæ фыццаг гарзæй суанг йæ уæлæдарæсы онг куыд кæнгæ у, ууыл ахуыр кæны фæсивæды дæр. Азæ фидарæй зæгъы, йæ фылдæр æнтыстдзинæдтæ нырмæ разæй сты. Уымæн æмæ æнæ кулатæй æрмдæсны йæ цард нал уыны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv