3 ног спортивон хъазæн фæзы ацы аз фæзынд Михайловскæйы
Горæтгæрон районы аразынц сывæллæттæн сæ рæстæг æрвитынæн æмбæлгæ уавæртæ. Михайловскæйы хъæуы ацы аз сæвæрдтой 3 ног фæзы. Бынæтттон администрацийы бюджетæй куыстытæн рахай кодтой 3 милуан сомæй фылдæр. Ног райдзаст фæз хъазынæн. Алханчурты цы сабитæ ис, уыдоны бон ныр у сæ рæстæг пайдаимæ æрвитын. Алыхуызон херытæ, бандæттæ, змисæй хъазынæн бынат. Сывæллæттæн уый у тынг æхсызгон хъуыддаг. Раздæры фæз заууатмæ æрцыд. Æмæ сын хи ирхæфсынæн æмбæлгæ уавæртæ нал уыд. Фæз райдыдтой аразын 2019 азы. Сарæзтой дзы хистæр кары адæмæн дæр хорз уавæртæ. Сæвæрдтой дзы спортивон тренажертæ. Ныр æрвылбон фæзы сæмбырд вæййынц сабитæ сæ ныййарджытимæ. Фæзуат ифтонггонд æрцыд Михайловскæйы администрацийы руаджы. Ног фæз ма фæзынд Тимирязевы номыл уынджы дæр. Раздæр районы нæдæр сывæллæттæн, нæдæр хистæртæн уыд фæлладуадзæн бынат. Ныр дзы сæвæрдтой херытæ æмæ спортивон кусæнгæрзтæ,бандæттæ. Сарæзтой ног рухсдæттæн системæ. Ирхæфсæн бынат ма хъæуы фæзынд культурæйы хæдзары цур дæр. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, ныр дардмæ цæуын кæй нал хъæудзæн, уый стыр удæнцой у. Ацы аз Михайловскæйы фæзынд 3 ног фæзы хъазынæн. Фæрæзтæ сын рахай кодтой хъæуы администрацийы бюджетæй. Бынæттæ равзæрстой, кæрæдзийæ дард кæй сты, уымæ гæсгæ. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
3 ног спортивон хъазæн фæзы ацы аз фæзынд Михайловскæйы
Категория:
Новости и СМИ