46 тоннæйы спаржæ республикæ арвыста Мæскуымæ
19 мин тоннæйæ фылдæр Цæгат Ирыстонæй хор аластой Дагестан æмæ Астраханы облæстмæ. 46 тоннæйы республикæ спаржæ арвыста Мæскуымæ. Сойæйы 275 тоннæйы та - Стъараполы краймæ. Азы райдианæй хъæууон хæдзарадмæ цæстдарды службæйы Цæгат Кавказаг управлени нæ республикæйы радта 778 карантины сертификаттæ. Фæлæ ивгъуыд азим абаргйæ уый у къаддæр. Зæгъæм, уыцы æмгъуыдмæ фарон нæ республикæйæ Дагестан æмæ Астраханы облæстмæ нартхор арвыстой 83 мин тоннæйы фылдæр.