Мæскуыйы, Уæрæсейы олимпаг комитеты уыди Андиаты Сосланы номыл фыст чиныджы презентаци
Республикӕйы бюджетмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй ӕрдзырдтой Парламенты советы ӕмбырды. Депутаттӕ ныхас кодтой административон, хӕдзарадон закъоны фарстатыл. Аграрон комитеты разамонӕг Тетцойты Георгий фӕндон бахаста ӕркӕсын федералон закъоны проектмӕ «О зерне», зӕгъгӕ. Ацы проекты фӕрцы фадат уыдзӕн бӕстӕйы федералон системӕ саразын ӕмӕ гагаты хӕрзхъӕддзинад бӕрӕг кӕнын. Проекты архайджытӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр регистраци кӕной ацы системӕйы. Раст бӕрӕггӕнӕнтӕ чи нӕ хӕсса, уыдоны ивар кӕндзысты административон ӕгъдауӕй. Вице-спикер Гутънаты Аслӕнбег та фӕндон бахаста, куыст кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмӕн 'хцайы фӕрӕзтӕ фӕфылдӕр кӕнын 12 мин сомӕй - 24 мин сомы онг. Уымӕй уӕлдай ма, ӕркастысты ахӕм хъӕппӕрисмӕ дӕр, цӕмӕй фыццагкъласонты ныййарджытӕн улӕфӕн бон лӕвӕрд ӕрцӕуа сӕ мызд бахъахъхъӕнгӕйӕ. Фыстӕджы куыд нысангонд уыд, афтӕмӕй кӕцыдӕр уагдӕтты ис ахӕм практикӕ. Закъоны проекты автортӕ куыд бафиппайдтой, афтӕмӕй сывӕллоны психологон уавӕр бахъахъхъӕныны тыххӕй хорз уаид, цӕмӕй скъоладзауты ӕмбырдты ныййарджытӕй иу уа йӕ цуры. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæскуыйы, Уæрæсейы олимпаг комитеты уыди Андиаты Сосланы номыл фыст чиныджы презентаци
Категория:
Новости и СМИ