Битарты Вячеслав коронавирусимæ баст уавæры тыххæй сарæзта оперативон штабы æмбырд
Коронавирус парахат кæнын ма бауадзынæн цы мадзæлттæ арæзт цæуынц, ууыл дзырдтой оперативон штабы æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ныхас кодтой эпидемиологон уавæрыл. Медицинон уагдæтты сæйраг дохтыртæ радзырдтой, дзæбæхгæнæндæтты хостæ æмæ хи бахъахъхъæнæн фæрæзтæ фаг ис æви нæй, уый. Тæссаг низимæ баст уавæр æвзæрдæр кæны, куыд нæ республикæйы, афтæ æгас бæстæйы дæр. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад бакусдзысты, æххæст кæнын кæй хъæудзæн, уыцы амынддзинæдтыл. Битарты Вячеславы ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у адæмы æдасдзинад æмæ æнæниздзинад. Уыимæ, куыд бафиппайдта, афтæмæй уæлæмхасæн фиддонтæ дохтыртæм хъуамæ хæццæ кæной афойнадыл. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Годжыцаты Тамерлан та радзырдта, медицинон кусджыты резерв цы фæткмæ гæсгæ аразынц, уый. Пандемийæйы рæстæг анестезиологтæ æмæ реаниматологтæ нæ фаг кæны. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта ног специалисттæ бацæттæ кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав коронавирусимæ баст уавæры тыххæй сарæзта оперативон штабы æмбырд
Категория:
Новости и СМИ