Уæрæсейы сбæрæг кодтой æфсæнвæндаджы кусæджы бон
Уæрæсейы сбæрæг кодтой æфсæнвæндаджы кусæджы бон. Бирæтæ йыл сæмбæлдысты сæ куысты бынæтты. Æмткæй райсгæйæ, ныртæккæ æфсæнвæндæгты дæргъ нæ бæстæйы 86 мин км. у. Ацы транспорты хуыз адæмæн у уæлдай ахсджиаг. Вагæттæ кæм цалцæг кæнынц, уыцы бынаты чи фæллой кæны, уыдон та зæрдæргъæвдæй архайынц, цæмæй куст æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ цæуа. Людмила Брачковская 9-аздзыд чызгæй йæ ныййарджыты фæдыл æрбацæугæйæ ацы заводы куы ратæх-батæх кодта, уæды цæстæй кæсы æмæ йæм уæды хъуыдытæ ис ныры онг дæр. Ныртæккæ йæхæдæг дæр ам кусы. 40 азы фæллой кæны заводы. Йæ сæраг куыст - продукцийы хъæрзхъæддзинадмæ кæсын. Людмилæйы æфсымæр Евгений та ацыд фæсарæнтæм. Бæргæ йæ фæндыд ацы заводмæ, фæлæ уæддæр йæ тыхтæ бавзæрста æндæр ран. Æрæджы ацы бинонтæ сбæрæг кодтой Æфсæнвæндаджы кусæджы бон. Æмæ дзæгъæлы нæ. Бинонтæ архайынц, цæмæй фæлтæрæй-фæлтæрмæ æргом кæной æфсæнвæндаджы кусæджы дæсныйæды сусæгдзинæдтæ. Людмилæйы дæр, æмæ йе 'фсымæры дæр сæ фыд ахуыр кодта. Вагæттæ кæм цалцæг кæнынц, уыцы завод æрæджы сбæрæг кодта йæ юбилей. Вагæтты хæрзхъæддзинады тыххæй дызæрдыг никуы ничи кодта. Фæлæ сæйрагдæр сты адæм. Уыдон зæрдæргъæвдæй архайынц, цæмæй сæ куыст куыд æмбæлы, афтæ цæуа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы сбæрæг кодтой æфсæнвæндаджы кусæджы бон
Категория:
Новости и СМИ