Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени, промышленность æмæ транспорты министрады кусджытæ араз
Фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени адæмы зæрдыл лæууын кæны, маскæтæ æнæмæнг дарыны фæтк йæ тыхы кæй ис, уый. Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ, сæрмагонд фæткæвæрд ис адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уым æмæ æхсæнадон транспорты. Санитарон домæнтæ куыд æххæст кæнынц, уымæ æппынæдзух сæ хъус дарынц бæрнон кусджытæ. Маршрутон такситы шофыртæн сæ фылдæр дарынц маскæтæ æмæ æрмкъухтæ, хæдтулгæтæ мидæгæй дезинфекци кæнынц. Алы бон дæр цæуынц сæрмагонд медицинон æркаст, æрмæст уый фæстæ сын ис куыстмæ рацæуыны бар. Хи хъахъхъæнæн фæрæзтæй пайда кæнын шофыртæ курынц бæлцæттæй дæр. Бæлцæттæласæг компаниты минæвæрттæй, маскæтæ æнæмæнг дарыны фæтк чи не 'ххæст кæны, уыдоны æфхæрынц административон æгъдауæй. Иварты бæрц у 500 мин сомы онг, кæнæ та йын йæ куыст æрлæууын кæндзысты 90 бонмæ. Бæлцæттæ дæр афтæ. Уыдоны ивар кæнынц 1 минæй - 30 мин сомы онг. Фæткæвæрдмæ кæсы Цæгат Ирыстоны промышленность æмæ транспорты министрад дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управлени, промышленность æмæ транспорты министрады кусджытæ араз
Категория:
Новости и СМИ