Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проекты фæлгæты Дзæуджыхъæуы аразынц фæлладуадзæн бынат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

14 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

14 просмотров

6 лет назад

Московская уынджы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Аразынц дзы фæлладуадзæн бынат. Æмбæлгæ курдиат районы цæрджытæ бахастой округы депутатмæ. Бирæфатерон хæдзæртты алфамблаймæ бæстон цæстдард нæ уыд. Уæгъд рæстæг дзы пайдаимæ арвитынæн уавæртæ нæ уыд. Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой июны райдианы. Бынаты сæвæрдзысты ног асфальт, бандæттæ. Сараздзысты рухсдæттæн системæ дæр. Куыстытæ райдайын бантыст парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проект «Городская среда»-йы фæлгæты. 4 азы дæргъы проекты руаджы саив кодтой 127 кæрты æмæ 38 æхсæнадон бынаты. Московская уынджы куыстытæ кæронмæ фæуыдзысты августы æмбисмæ. Раздæр æвзæр уавæры уыд ацы бынат. Æрбацæуыны фадат дæр йæм нæ уыд. Бандоныл æрбадæн дæр. Сывæллæттимæ арæх æрбацæуæм ардæм. Тынг æхсызгон нын у кæй йæ аразынц. Сабитæ дæр цин кæндзысты, стæй хистæр кары адæм дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы проекты фæлгæты Дзæуджыхъæуы аразынц фæлладуадзæн бынат

Категория:

Новости и СМИ