Цæгат Ирыстоны тæссаг у тæрккъæвдатæй æмæ ихуардæй
Æмæ ма нæ программæйы кæронбæттæн - боныхъæды тыххæй. Абон йæ хуыздæртæй нæ уыд. Фæссихор ныккалдта тыхджын къвæда ихимæ. Горæты уынгтæ та доны бын фесты. Хæдтулгæтæ ленк кæнын райдыдтой. Æнæнхъæлæджы цауты министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ахæс боныхъæд ахæсдзæн цалдæр боны. Тæссаг у тыхджын дымгæ, тæрккъæвдатæ æмæ ихуардæй. Цæугæдæтты та тæссаг у донивылдтытæй. Хæхты ранæй-рæтты рацæудзысты ламидæттæ. Уый фæдыл ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ цæмæй къæрцхъусдæр уой æмæ сæхи бахъахъхъæной. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны тæссаг у тæрккъæвдатæй æмæ ихуардæй
Категория:
Новости и СМИ