Горæтгæрон районы цæуы коронавирусы ныхмæ вакцинаци
Куыд æппæт Уæрæсейы, афтæ Цæгат Ирыстоны дæр дарддæр цæуы вакцинаци. Барвæндонæй прививкæ скæныны фадæттæ аразынц республикæйы районты цæрджытæн. Се 'хсæн - Горæтгæрон район дæр. Прививкæ скæныны размæ уал æнæмæнг хъæуы дохтыры æркаст ацæуын. Адæмы короновирусы низæй бахизыны тыххæй дарддæр цæуы вакцинаци. Барвæндонæй прививкæ скæныны фадæттæ арæзт цæуынц республикæйы районты цæрджытæн дæр. Адæм хъуыддагмæ се ргом фылдæр раздæхтой. Фæнды сæ хи æмæ сæ бинонты æнæниздзинад бахъахъхъæнын. Прививкæйы размæ æнæмæнг хъæуы дохтыры æркаст ацæуын. Медицинон кусæг хъуамæ сбæрæг кæна адæймагæн йæ æнæниздзинады уавæр. Лæмбынæг æркасты фæстæ йæ арвитынц вакцинæ райсынмæ. Процедурæмæ рады лæууын нæ хъæуы. Скæнынц æй тагъд. Горæтгæроны районы вакцинæ райстой бирæтæ. Район ифтонггонд уыд вакцинæйы 1500 дозæйæ. Ныртæккæ пайдагонд æрцыдысты. Привикæйы фæстæ пациенттæм лæмбынæг сæ хъус дарынц дохтыртæ. Горæтгæрон районы прививкæ райсæн ис районы сæйраг рынчындоны. Уый тыххæй рагагъоммæ хъæуы хи терапевтмæ ныфыссын. Уыимæ ма цæрджыты удæнцойæн кусынц мобилон къордтæ. Араст вæййынц районы дард хъæутæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Горæтгæрон районы цæуы коронавирусы ныхмæ вакцинаци
Категория:
Новости и СМИ