Горæтгæрон районы октябры эксплуатацийы ратдзысты Октябырьскæйæ Тарскæйы `хсæн фæнда
Горæтгæрон районы октябры эксплуатацийы ратдзысты Октябырьскæйæ Тарскæйы `хсæн фæндаг. Уый тыххæй фехъусын кодта фæндаггон хæдзарады сæрдар Солиты Тариэль. «Мах Тарскæйы хъæумæ аразæм ахæм фæндаг, кæцы дзуапп дæттдзæн æппæт нырыккон домæнтæн. Ис дзы дыууæ хиды. Сæ иу - хъæумæ бахизæны - ныридæгæн у рæвдз. Бынаг хидæн дæр йæ быцæуттæ цæттæ сты. Фыццæгæм сентябрмæ йæ ратдзыстæм эксплуатацийы. Фæлæ хидтæ аразыны рæстæг адæргъвæтин уыдзæн, технологон процестæ дзы бирæ кæй ис, уымæ гæсгæ» - загъта ведомствойы сæргълæууæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Горæтгæрон районы октябры эксплуатацийы ратдзысты Октябырьскæйæ Тарскæйы `хсæн фæнда
Категория:
Новости и СМИ