Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 80 адæймаджы
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 80 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 9 мин 524. Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 1 339 адæймаджы. Уыдонæй Тагъд Æххуысы Клиникон Рынчындоны 680, COVID-мæ 169-æй, реанимацийы 52 адæймаджы, аппаратты фæрцы улæфынц 7-æй. Республикон Клиникон Рынчындоны ныртæккæ ис 600 адæймаджы. Коронавирус дзы ис 164-мæ. Реанимацийы хайады 57 рынчыны. Аппараты фæрцы улæфынц 9-æй. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны та 33 сывæллоны æмæ 17 хистæр кары адæймаджы. COVID-дзы рабæрæг 21 сабимæ, уыимæ ма 16 хистæрмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Коронавирусæй рынчынтыл Цæгат Ирыстоны бафтыд 80 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ