Ахæм хабæрттæ// 2020/ 23 октября
161 азы абон сæххæст Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл. Поэт, фыссæг, нывгæнæг, публицист. Ирон æвзаджы бындурæвæрæг. Къостайы ном æрхъуыды кæнынмæ ирон академион театры цур фæзмæ æрбацыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, хицауады уæнгтæ, фысджыты цæдисы минæвæрттæ. Цӕгат Ирыстон федералон бюджетӕй райсдзӕн уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ 230 милуан сомӕй фылдӕр. Республикӕйы бюджетмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны тыххӕй ӕрдзырдтой Парламенты советы ӕмбырды. Дзæуджыхъæуы 19 бинонтæ райстой субсидитæ сæ цæрæнбынæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Ахæм социалон æххуыс кæнынц йе 'нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, кæнæ уæззау низæй чи у рынчын, ахæм адæмæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ// 2020/ 23 октября
Категория:
Новости и СМИ