Сергей Меняйло фембæлд банк ВТБ йы разамонæг Цæгат Кавказы федералон зылды Александр Дыренкоимæ
Республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло фембæлд банк ВТБ-йы разамонæг Цæгат-Кавказы федералон зылды Александр Дыренкоимæ. Бæрнон кусджытæ дзырдтой æмгуыстады фарстатыл. Сæрмагондæй - Цæгат Ирыстоны цæрджытæн финансон лæггæдтæ фæхуыздæр кæныныл. Александр Дыренкойы ныхæстæм гæсгæ, банк фæнд кæны уæлæмхасæн офис Мæздæджы байгом кæнын. Ахæм куыстадон фембæлдттæ сты пайда æмæ ахадынц райхалинаг фарстатæ аиуварс кæныныл, фæнысан кодта Сергей Меняйло. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv