Журналисттæн равдыстой Æрыдоны районы социалон объектты арæзтад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

6 лет назад

Паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц Æрдоны районы? Ацы æмæ æндæр фæрстытæн журналисттæн дзуапп радтой Æрыдоны районы хицауады уæнгтæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Фыййагдоны цæугæдоны сæрты чи цæуы, уыцы хиды арæзтад, зæгъæн ис, æмæ кæронмæ æрхæццæ. Цалцæггонд хид бæтты Рассвет æмæ Фыййагдоны хъæутæ. Сифтонг дзы кодтой цæджындзтæ, плитатæ æмæ тротурарон блоктæ. Хиды дæргъ у 56 метры. Объектты куыстытæ фæуыдзысты ацы аз фæззæджы. Æрыдоны цæрджытæ рагæй-æрæгмæ цы объектмæ æнхъæлмæ кастысты, уый у ног егъау спортивон комплекс. Дыууæуæладзыгон объекты фæзуат у 5 мин квадратон метры. Байгом дзы кæндзысты спортæй архайынмæ алыхуызон секцитæ: уæгъдибар хъæбысхæст, бокс, дзюдо, рог æмæ уæззау атлетикæ æмæ æндæртæ. Уый тыххæй та дзы сараздзысты хъæугæ æмæ нырккон уавæртæ. Журналисттæн ма радзырдтой Советовы уынджы аллейы рацарæзты тыххæй. Пъланмæ гæсгæ дзы баивдзысты фæндаджы уæлцъар, ситфонг дзы кæндзысты ног быру. Бакусдзысты фæзуаты рухсдæттæн системæйыл æмӕ цъæх фæлыст банывыл кæныныныл. Уæдæ сæрмагонд цæстдард цæуы цæрджыты вакцинацийы фарстамæ. Прививкæ ныридæгæн ацыдысты 4 сæдæ адæймаджы. Дзугаты Бартуйы номыл культурæйы галуан дæр рацарæзтой. Бæстыхайæн баивтой йæ сæр, рудзгуытæ, дуæрттæ. Мидæггаг куыстытыл дæр бæстонæй баххæст кодтой.  Ацы культурæйы хæдзарыл цæуы æнусы 'рдæгæй фылдæр. Бындуронæй йӕ цалцæг никуы кодтой. Æрыдоны районы сæргълæууæг Тотраты Владиславы ныхæстæм гæсгæ, социалон нысаниуæг цы объекттæн ис, уыдонмæ дарддæр цæудзæн сæрмагонд цæстдард. Æрыдоны кæронмæ сарæзтой сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн ног бынат. Ис дзы 28 фатеры. Æдæппæттæй та фатертæ райстой 4 районы хъомылгæнинæгтæ – Дыгуры, Æрæфы, Æрыдоны æмæ Алагиры. Фатерты та ис æппæт хъæугæ уавæртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Журналисттæн равдыстой Æрыдоны районы социалон объектты арæзтад

Категория:

Новости и СМИ