«Маршрут дружбы», зæгъгæ, фестиваль ацыд Мæздæджы районы культурæйы хæдзæртты
«Маршрут дружбы», зæгъгæ, фестиваль ацыд Мæздæджы районы культурæйы хæдзæртты. Сывæллæтты хореографион ансамбльтæ равдыстой сæ хуыздæр кæфтытæ. Æрыгон артисттæ адæмы зæрдæтæм фæндаг ссардтой æрмæст аивады руаджы нæ, фæлæ ма алыхуызон цымыдисаг национ уæлæдарæсы фæрцы. Кафты æвзагыл равдыстой Кавказы адæмыхæттыты культурæ æмæ æгъдæуттæ. Мæздæджы хæлардзинады хæдзары куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй ахæм мадзæлттæ ахъаз сты адæмыхæттыты 'хсæн иудзинад æмæ хæлардзинадæн. Кæронбæттæны æппæт къордты уæнгты дæр нæ республикæйы национ ахастдзинæдты министрад схорзæхджын кодта кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Маршрут дружбы», зæгъгæ, фестиваль ацыд Мæздæджы районы культурæйы хæдзæртты
Категория:
Новости и СМИ