Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ бацархайдтой хæрзаудæн акцийы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

6 лет назад

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадыл 30 азы кæй сæххæст, уый фæдыл æнæхъæн бæстæйы дæр арæзынц социалон акцитæ «30 добрых дел»-зæгъгæ. Уыцы хорз хъуыддæгтæн сæ иу - туг радтын. Ацы акцийы æнтыстджынæй бацархайдтой Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг управленийы кусджытæ. Туг радтой 100 адæймагæй фылдæр. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, туг радтын сæ бон у, 18 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдонæн. Кокойты Светланæ, Цæгат Ирыстоны тугдæттæн станцæйы лабораторон дигностикæйы хайады сæргълæууæг: «Махмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ иу æмæ дыууæ хатты не 'рбацæуынц. Уыдон арæх раттынц туг. Кæдфæндыдæр нæ фарсмæ æрбалæууынц. Уыдонмæ дæр ис æвæстиаты службæ, фæлæ дзы мах дæр уымæй цух не стæм». Гæдзæццаты Игорь, Цæгат ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæрмагонд ирвæзынгæнджыты хайады фелдшыр: «Ныртæккæ æз кусын фелсырæй ирвæзынгæнджыты хайады. Æмæ йæ æмбарын, туг раттын ахсджиаг кæй у, уый. Зæгъæм, фæндаггон фыдбылызтæ куы ’рцæуы, уæд. Æмæ мæ фæнды зæгъын, туг дæттын æнæмæнгæй кæй хъæуы, уый». _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ бацархайдтой хæрзаудæн акцийы

Категория:

Новости и СМИ