Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бабæрæг кодтой бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Кæрты цъымаратæ, къуппытæ æмæ дзыхъхъытæ фæндаг, стæй ма бирæ лыггæнинаг фарстатæ. Сæ аиуварс кæныны тыххæй Гагкайы фырты номыл 7-æм хæдзары цæрджытæ сæ хъаст администрацимæ 5 азы размæ бахастой. Афтæмæй уавæр афæдзæй-афæдзмæ фыддæрæй фыддæрмæ цæуы. Цæрджыты фарсмæ балæууыдысты адæмон фронты уæнгтæ. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Къæвдайы фæстæ цъымаратæ, подъездты цур нæй бандæн бынæттæ стæй изæрыгон кæртыты у талынг, нæй дзы рухсдæттæн цæджындзтæ. Гагкайы фырты номыл уынджы 7-æм хæдзары цæрджыты ма бирæ æндæр фарстатæ тыхсын кæны. Хæдзарыл тагъд 20 азы цæудзæн. Цæрджытæ сæхæдæг архайынц сæ уарæтæ банывыл кæныныл. Базилынц подъездтæм, стæй алфамбылаймæ дæр. Ацы риссаг фарстатимæ цæрджытæ сæ хъаст бахастой Дзæуджыхъæуы администрацимæ 2016-æм азы. Бæрнон кусджытæ сын дзуапп радтой – хæдзар кæй бахæсдзысты сæрмагонд программæмæ 2017-æм азы. Уæдæй нырмæ 5 азмæ 'ввахс рацыд, фæлæ ныхæстæ афтæмæй баззадысты. Уавæрмæ сæ цæст æрдардтой адæмон фронты уæнгтæ. Цалынмæ иутæ администрацийы дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсынц, уæдмæ æндæр кæртыты сæ алфамбылай аивгæнæн куыстытæ сты сæ тæмæны. Ам ныридæгæн сног кодтой къахвæндæгтæ, сцалцæг кодтой уынгты рухсдæттæн системæ. Горæты æнцонвадат уавæртæ аразыны федералон программæйы хыгъдмæ хауынц – асфальт баивыны куыстытæ, ног бордюртæ æвæрыны хъуыддаг, рухсдæттæн системæ сног кæнын, бандæттæ стæй бырон æмбырдгæнæнтæ подъездты цур сæвæрын. Æппæт куыстытыл дæр хъуамæ æрдзурой хæдзæртты цæрджытимæ. Уыдонæнæ дæр ис фадат куыстытæм ивддзинæдæ бахæссынæн. Уæдмæ та уал Гагкайы фырты номыл уынджы 7-æм хæдзары цæрджыты хъæуы та радон хатт банхъæлмæ кæсын. Сæ кæрты фæзуат сын банывыл кæныны хъуыддагыл архайдзысты Æппæтадæмон фронты минæвæрттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ бабæрæг кодтой бирæфатерон хæдзæртты кæртытæ

Категория:

Новости и СМИ