Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз ныхас кодта Мæздæджы районы администрацийы сæргълæу
Республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз видеоконференцийы руаджы ныхас кодта Мæздæджы районы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Олег Яровоимæ. Дзырдтой районы социалон-экономикон райрæзты хатдзæгтæ æмæ фидæнмæ пълæнттыл. Олег Яровойы ныхæстæм гæсгæ, муниципалон сконды æдæппæттæй ис 1 мин 633 амалъхом адæймаджы æмæ 518 чысыл куыстуаты. Хицауады уæнгтæ сæм се `ргом алкæддæр здахынц. Æххуыс сын кæнынц алыхуызон конкурсты архайынмæ. Æрныхас ма кодтой хъæууон хæдзарады райрæзтыл дæр. 2020 азы Мæздæджы районы байтыдтой 55 мин гектарæй фылдæр. 35 мин гектарæй систой хоры 115 мин тоннæмæ `ввахс. Уый 2019 азимæ абаргæйæ у 1,8 хатты фылдæр. Ивгъуыд азы ма бакуыстой дзидзайы 252 тоннæйы, æхсыр та - 2 441,9 тоннæйы. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, хъæууон хæдзарады уæлдай цæстдард хъæуы аздахын аграрон продукцийы куыстыл æмæ йæ уæй кæныныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз ныхас кодта Мæздæджы районы администрацийы сæргълæу
Категория:
Новости и СМИ