Хицауады уæнгтæ æмæ дзулфыцджытæ, лыггæнинаг фарстатыл æрныхас кæнгæйæ, ахицæн кодтой дзулы аргъыл 1

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Дзул 22 сомæй зынаргъдæр хъуамæ ма уа. Ахæм уынаффæмæ æрцыдысты амалхъом адæймæгтæ. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы бардзырдмæ гæсгæ, хицауады уæнгтæн уыд фембæлдтæ дзулфыцджытимæ. Ахсджиаг лыггæнинаг фарстатыл æрныхас кæнгæйæ, ахицæн кодтой аргъыл 10%-æй фылдæр ма бафтауын. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ бæрæг кæнынц куыд стыр базарадон центртæ, афтæ чысыл дуканитæ дæр. Лæмбынæг хъусынц куыстуæтты разамонджытæм æмæ æлхæнджытæм. Уымæй уæлдай, кусы сæрмагонд къамис, кæцы йæ хъус дары ацы хъуыддагмæ. 18-20 сомы бæсты дзул ныр адæмы æлхæнын хъæуы 22, 23 кæнæ хаттгай 25 сомæй дæр. Фæлæ иуæй-иу дуканитæ аргъыл нӕ 'бафтыдтой. Зæгъæм, дзул нæ фæзынаргъ и базарадон центр «Деликат»-ы. Тæрхæджытыл ис алы хуызы хойраг. Иуылдæр раздæры æргътæй. Дзул 20 сомæй балхæнæн ис, инæлар Дзусты Ибрагимы номыл уынджы цы дуканитæ ис, уым дæр. Дзулфыцæг куыстуæтты разамонджыты ныхæстæм гæсгæ, зынгæ бафтыд ссад æмæ сæкæры æргътыл. Рæзынц электрон фæрæзты æргътæ дæр. Уый аххосæй сырæзт дзулӕн йӕ кӕнӕггаджы аргъ. Уыцы уавæрты тыххæй амалхъом адæймæгтæ дæр дзулæн йæхи аргъыл бафтыдтой. Цæгат Ирыстоны хицауад архайы хъуыддӕг фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрыныл. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæ бæрæг кæнынц стыр базарадон центртæ ӕмӕ чысыл дуканитæ дæр. Лæмбынæг хъусынц куыстуæтты разамонджытæм æмæ æлхæнджытæм. «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнг Фуад Кязымов куыд фæнысан кодта, афтæмæй ацы продукт уæлдай ахсджиаг у. Йæ аргъы рæзт фæзындзæн республикæйы æппæт цæрджытыл дæр. Цæгат Ирыстоны экономикон райрæзты министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй хорæрзад ацы аз у ныллæг. Уый тыххæй ссады аргъ фæзынаргъ. Хицауады уæнгтæн уыд фембæлдтæ дзулфыцджытимæ. Ахсджиаг лыггæнинаг фарстатыл æрныхасгæнгæйæ, сфуынаффӕ кодтой аргъыл 10% фылдæр ма 'фтауын. Дарддæр хъуыддагыл кусдзысты. Афтæмæй дзул 22 сомæй зынаргъдæр нæ уыдзæн. Уымæй рæхсджы ныфс бавӕрдта амалхъом адæймæгты бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимур. Республикæйы разамындимæ иумæ архайынц, фарстыл лæмбынæг кусынц. Хæстæгдæр рæстæг сбæлвырд кæндзысты, куыстуæтты уавæр къуырцдзæвæнæй ракæнынӕн цы мадзæлттæ баххуыс кæндзысты, уыдон. Дзæдзойты Фатимæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хицауады уæнгтæ æмæ дзулфыцджытæ, лыггæнинаг фарстатыл æрныхас кæнгæйæ, ахицæн кодтой дзулы аргъыл 1

Категория:

Новости и СМИ