Ногхъæуы астæуккаг скъолайы бындурон рацарæзт кæронмæ æрхæццæ
Ногхъæуы астæуккаг скъолайы бындурон рацарæзт та кæронмæ æрхæццæ. Уый тыххæй хъусын кæнынц Алагиры районы бынæттон администрацийæ. Социалон хызæджы куыд ныффыстой, афтæмæй бæстыхай бындуронæй сног кодтой. Суанг ма фæзуаты алыварс цы забор уыд, уый ногыл баивтой сæвæрдтой дзы ног рухсгæнæн системæ. Ахуыргæнæндоны бындурон цалцæг бакодтой Битарты Вычеславы уынаффæмæ гæсгæ. Ахæм бардзырд раздæр радта бынæттон цæрджытимæ фембæлды рæстæг. Скъолайы рацарæзтæн æхцайы фæрæзтæ радих кодтой Уæрæсейы хицауады фæстауæрцгæнæн фондæй дæр. Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты «Ахуырад»-ы нацпроекты фæлгæты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ногхъæуы астæуккаг скъолайы бындурон рацарæзт кæронмæ æрхæццæ
Категория:
Новости и СМИ