РЦИ Аланийы хицауады æмбырды æрныхас кодтой социалон фарстатыл
Цæгат Ирыстоны хицауады æмбырды сфидар кодтой туристон комплекс «Мамысон»-ы проекты дыккаг къæпхæны сæрмагонд гæххæтытæ. Ныхас ма цыд, Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн баххуыс кæныны мадзæлттыл. Бæлвырддæр дзургæйæ та, иухаттон фиддонтыл. 689 мин сомы рахай кæндзысты Хуыгаты Тенгизæн. Фос дарыны куыст чи кæны, уыдонæн æххуысыл дæр æрныхас кодтой хицауады уæнгтæ. Уыимæ ма, сбæрæг, субсидитæ цы амалхъом адæм райсдзысты, уыдоны хъыгд. Се 'хсæн сты агропромышленон холдинг «Мастер-прайм. Березка» æмæ дыууæ хъæууон-хæдзарадон кооперативы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ Аланийы хицауады æмбырды æрныхас кодтой социалон фарстатыл
Категория:
Новости и СМИ