Луганскы Адæмон Республикæйæ бинонтæ ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ
Афтæ, хæларзæрдæйæ ахуырдзаутæ сæмбæлдысты сæ ног æмкъласон Станислав Логвиновыл. Лæппу кæд ныр æдас ран ис, уæддæр йæ хъустыл уайы хæцæнгарзы нæмгуыты къуызитт. Сæ ног хæдзармæ хæстæг горæты 44-æм скъола. Ам лæппуйы æрбацыдмæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Бахастой йæ фыццæгæм "е" къласы номхыгъдмæ. Самал ын кодтой ахуырæн хъæугæ дзауматæ: чингуытæ, хызын. Суанг ма скъолайы уæлæдарæс дæр. Зонындзинæдтæм фæндагыл Ирыстоны Станисалав æрлæудзæн райсом. Лæппуйы бинонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй æнхъæл нæ уыдысты, афтæ сæ кæй суазæг кæндзысты. Бинонтæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты Луганскы облæстæй. Бахъуаджы рæстæг Дзæуджыхъæуы 44-æм скъолайы цæттæ сты фылдæр сабитæ райсынмæ. Сæ хæдзæр æнæбары чи ныууагъта æмæ, лидзын кæй бахъуыд Донбассæй, уыдон уал æрбынат кæндзысты республикæйы санаторийты, дыууæ фæлтæрæй. 500 адæйаджы Цæгат Ирыстонмæ сæмбæлдзысты 10-æм мартъийы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv