Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты банымайдзысты хæстон цауты ветерантыл
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты банымайдзысты хæстон цауты ветерантыл. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы хъæппæрисæй закъон ныффидар кодта Паддзахадон Думæ. Уæрæсейы Парламенты спикер Вячеслав Володины ныхæстæм гæсгæ, уый руаджы æфсæддон операцийы архайджытæн снысан кæндзысты транспорт, хъалонтæ, зæххытæ æмæ æндæр социалон льготæтимæ баст мадзæлттæ. Уымæй уæлдай, пайда кæндзысты коммуналон лæгæдты льготæтæй. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм афæдзы кæронмæ хъуыддагæн рахай кæндзысты 5 млрд сомы. Хицауад проекты фарс рахæцыд. Абон æй ныффидар кодтой Федерацийы советы æмбырды дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv