Цæгат Ирыстоны иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй фæуæлахиз Уæрæсейы ерысты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй фæуæлахиз Уæрæсейы ерысты. Архайдтой дзы 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ. Фыццаг бынæттæ бацахстой: Хæдарцаты Алик, Куыдзойты Алан æмæ Багаты Алан. Богæлттæн кæд бирæ рæстæг нæ уыд сæхи бацæттæ кæнынмæ, уæддæр сæ хъару равдыстой. Ныр уæлахизæй æрыздæхтысты æмæ та ног бæрзæндтæн хизынмæ разæнгард кæнынц. Бæлвырддæр радзурдзæн Дзадзойты Фатимæ. Хъæбысæйхæсты академи дзæвгар рæстæджы фæстæ ногæй йæ дуæрттæ спортсментæн байгом кодта. Уæгъдибар хъæбысæйхæст нæ республикæйы фæсивæдæн æппæтæй уарзондæр спорт у. Æнтысгæ дæр сын афтæ кæны. Уый бæрæг у иу хаттæй иннæ хаттмæ сæ майданты нымæц кæй фылдæр кæны, уымæй дæр. Ныр дæр та нæ хъæбысæйхæцджытæ фесгуыхтысты. Иугонд командæ райста фыццаг бынат. Се `хсæн Хæдæрцаты Алик дæр. Æрæджы райдыдта æндæр узы хæцын æмæ рамбылдта сызгъæрин. Уæрæсейы чемпионаты финалмæ рацыди 11 ирон хъæбысæйхæцæджы. 5 дзы систы чемпионтæ. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй алы фембæлд дæр уыди зын, фæлæ сæ тыхтæ иууылдæр равдыстой. Ацы ерыстæ байгом кодтой спортсментæн фæндаг Европæйы, дунейы æмæ æндæр ахсджиаг чемпионаттæм. Ерыстæм цæттæ кæныны афон æрхауди карантинмæ. Фæлæ спортсменты æмæ сæ тренерты уый нæ бахъыгдæрдта. Цæттæ сæхи кодтой Дзинагайы. Чемпионаты бацархайдтой 400 хъæбысæйхæцæджы Уæрæсейы æппæт регионтæй дæр. Цæгат Ирыстонæй дзы уыди 40 спортсмены. Ныртæккæ дарддæр архайынц æмæ сæхи цæттæ кæнынц ног турниртæм. Ныфс сæ ис спорты бæрзæндтæм æнтыстджынæй кæй хиздзысты, уымæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны иугонд командæ уæгъдибар хъæбысхæстæй фæуæлахиз Уæрæсейы ерысты

Категория:

Новости и СМИ