Сергей Меняйло бабар кодта æххæстæй бакусын Дзæуджыхъæуы иувæрсты фæндаджы проектыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Сергей Меняйло бабар кодта æххæстæй бакусын Дзæуджыхъæуы иувæрсты фæндаджы проектыл. Уæрæсейы Транспортон системæйы райрæзты фæлгæты Дзæуджыхъæуы иувæрсты фæндаг саразынæн Росавтодром рахай кодта 12 млрд æмæ 500 мин сомы бæрц. Æмбæлгæ проект ацыд æвзæрстытæ æмæ контрактмæ гæсгæ йæ фыццаг къæпхæнæн федералон бюджетæй бахъæудзæн 6.5 млрд сомы бæрц. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы фæндæгты управленийы филиал «Кавказ»-ы разамонæг Гуыбаты Чермен. Цæгат Ирыстоны сæйраг горæты 15 км дæргъæн иувæрсты фæндаг æххуыс уыдзæн горæты уынгтыл рог хæдтулгæты цыд фæкъаддæр кæнынæн æмæ сæ уæззау хæдтулгæтæй суæгъд кæнынæн. Иувæрсты фæндаг, проектмæ гæсгæ, райдайдзæн Ногирмæ æввахс æмæ уыдзæн Архонкæйы трассæйы райхæлдæй йæ дарддæры фæндаг, Сау цæугæдонæй галиудæр. Сергей Меняйло проект банымадта хорзыл. Уыимæ ма бабар кодта, Уæллаг Ларсмæ цы уæлæмхасæн фæндаджы хай цæуы, уый цалцæджы проектыл бакусын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv