Ираны сывæллæтты рæвдауæндон «Саби» байгом кодтой ног корпус
Сывæллæтты æмæ ныййарджыты цинæн. Кировы районы Ираны рæвдауæндоны байгом уæлæмхасæн бæстыхай. Ног корпус сарæзтой нацпроекты фæлгæты. Кадджын мадзалы уыд ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ æмæ районы разамынд. Ахсджиаг цаумæ æнхъæлмæ кастысты куыд сывæллæттæ, афтæ ныййарджытæ дæр. Ираны байгом сывæллæтты рæвдауæндон «Саби»-йы ног корпус. Бæстыхай дзуапп дæтты æппæт нырырккон домæнтæн. Уаттæ - зылд, зæрдæмæдзæугæ æмæ æдас мебель, уыимæ ахуыргæнæн хъазæнтæ. Сывæлæтты рæвдауæндон «Саби» байгом нацпроект «Демография» -йы фæлгæты. Æххæст æй кæнынц дыууæ азы. Республикæйы ма цалцæггонд цæуынц æндæр ахуырадон уагдæттæ. Иу ахæм бæстыхайы арæзтадæн бахъæуы афæдзæй дыууæ азы онг. Аивгонд бæстыхай абон федтой сабитæ æмæ ныййарджытæ. Цы федтой уымæй разыйæ баззадысты. Дуæрттæ куы байтыгътой, уæд сæм æнхъæлмæ каст концертон программæ. Рæвдауæндоны ног корпусы бынат уыдзæн 20 адæймагæн. Уымæй уæлдай кæрты фæзынд хъазынæн фæзуат. 1 сентябры та цалцæггонд рæвдауæндон æнхъæлмæ кæсы йæ хъомылгæнинæгтæм. Богъиты Дианæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv