Фæсивæдон политикæйы паддзахадон мадзæлттæ фидæны азтæм æххæст кæныны сæрмагонд æмбырд
Бархионты змæлды райрæзт уыдзæн фæсивæдон политикæйы ахсджиаг къабæзтæй иу. Уый тыххæй ныхас кодтой паддзахадон мадзæлттæ фидæны азтæм æххæст кæныны сæрмагонд æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Архайдтой дзы профилон ведомствоты минæвæрттæ. Цæгат Кавказы ресурсон центры директор Хъараты Роман куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æмбæлы егъау куыст бакæнын, цæмæй бархионты змæлд рæза. Фыццаджыдæр та – уавæртæ саразгæйæ. Барихонты куыст æргом кæнынц скъолаты, училищæты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Хъараты Романы ныхæстæм гæсгæ, пайда уыдзæн иугонд интернет портал скæнын. Уыцы фарстатæ иуварс кæныны тыххæй, æмбырды архайджытæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ, æмæ æрвылазон фæсивæдон политикæ снысан кæныны кæй хъæуы. Уый хыгъд, стыр ахадындзинад ис гранттæ исыны хъуыддагæн. Битарты Вячеслав фæнысан кодта, грантты хицæуттæн æххуыс кæнын кæй хъæуы, уый. Æмбырды архайджытæ ма æрныхас кодтой æрыгон фæлтæры хъомылады фарстатыл. Бæлвырддæр дзургæйæ та, раздæры хъомыладон куыст сног кæныныл. Зæгъæм, балцы ацæуын, кæнæ хохы цъуппмæ схизын Фæсивæды бæрæгбонмæ гæсгæ. Уыимæ ма, фæнд кæнынц «Нарты хъæзтытæ» саразын, хъæууон-хæдзарадон фæсивæдон форум, студентты змæлды раздзæуджытæн ахуырадон æркаст æмæ спорты алы хуызтæй турниртæ æмæ ерыстæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсивæдон политикæйы паддзахадон мадзæлттæ фидæны азтæм æххæст кæныны сæрмагонд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ