Сергей Меняйло архайдта Цæгат Ирыстоны прокуратурæйы коллегийы æмбырды
Кæлæтдзаг хæдзæрттæй цæрджыты ногтæм раивыны мадзæлттыл дзырдтой республикæйы прокуратурæйы æмбырды. Архайдта дзы Сергей Меняйло дæр. Цæгат Ирыстоны прокурор Александр Морозовы ныхæстæм гæсгæ, æрвылаз прокуратурæмæ уый фæдыл æрбацæуы мин курдиатæй фылдæр. Алы цыппæрæм фиппайнаг нымад вæййы растыл. Программæ æххæст кæнгæйæ прокуратурæйы кусджытæ рабæрæг кæнынц алыхуызон аиппытæ. Ахсджиаг у, цæмæй прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ дарддæр дæр хъахъхъæной цæрджыты бартæ, фæнысан кодта Сергей Меняйло. 2008 азæй республикæйы ног хæдзæрттæм ракодтой 7 300 адæймаджы, 307 — кæлæтдзаг цæрæнбынатæй. Уыцы куыстмæ дарддæр дæр хъæуы æмбæлгæ æргом здахын, бафиппайдта республикæйы разамонæг. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv