Ахæм хабæрттæ// 2022/ 18 февраля
Дохтырты æххуыс фæдыл ковид-стационартæм чи бадзуры, уыцы адæмы нымæц фæкъаддæр 39%. Уый тыххæй фехъусын кодтой Оперативон штабы æмбырды. Цæуыл ма ныхас кодтой хицауады уæнгтæ, уый радзурдзыстæм. Цæрæнуæттæ арæзтады къæпхæныл балхæныны фæнд чи кодта æмæ сайд кæуыл æрцыд, уыцы адæмы фарстайыл æрныхас кодта хицауады сæрдары хæдивæг Бокоты Эльбрус. Куыд бакусдзысты йæ аиуварс кæныныл, уый радзурдзыстæм. Дзæуджыхъæуы 200 спортивон фæзы нæй æмбæлгæ уавæртæ спортæй архайынмæ. Сæ фылдæр хъæуы бындуронæй сцалцæг кæнын. Кæд бакусдзысты фарстайыл, уый нæ программæйы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv