Дзанайты Барис бабæрæг кодта паддзахадон ансамбль «Алан» æмæ бæхты театр «Нарты»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барис бабæрæг кодта паддзахадон ансамбль «Алан» æмæ бæхты театр «Нарты». Бæрнон кусджытимæ æрдзырдта сæ райрæзты программæтыл. Бакуыстой сыл регионы разамонæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Премьер йæ балцæй разыйæ баззад æви нæ, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Сæ курдиаты тых аивадуарзджытæн лæвар кæнынц ныр 80 азы дæргъы. Ансамбль «Алан»-æн йæ гастрольтæ урæд никуы ’рцæуынц. Афæдзмæ раттынц 50 концерты, репертуары ис 28 кафты. Ныртæккæ бирæ зындзинæдтимæ æмбæлынц. Зæгъæм, цы бæстыхайы архайынц, уым вентиляцийы системæ нæй. Уæвгæ, объект иууылдæр у бындуронæй рацаразинаг. Ногæй раивын хъæуы материалон-техникон бындур æмæ транспорт дæр. Тагъд рæстæджы ансамбль æнхъæлмæ кæсы æхсызгон ивддзинæдтæм. «Алан»-ы райрæзты программæ ныртæккæ цæттæ у. Бакуыстой йыл регионы разамонæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. Бæстыхæйттæм бындуронæй базилдзысты. Хъуыддагмæ йæ хъус дары республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Премьер фæсидт, цæмæй ансамблы риссаг фарстатæ иууылдæр хыгъдмæ хаст æрцæуой. Ног уавæрты кусын райдайдзæн бæхты театр «Нарты» дæр. Фарон ам сарæзтой ног æхгæд бæстыхай тренировкæ кæнынæн. Уый фæрцы сын архайыны фадат ис цыфæнды боныхъæды рæстæг дæр. Иннæ аз райдайдзæн 500 бынатæн залы арæзтад. Цалцæгæй дарддæр театры фæзындзæн нырыккон техникæ концерттæ æвдисынæн. Уымæй уæлдай, самал кæндзысты сæрмагонд транспорт бæхтæ ласынæн. Балхæндзысты ног бæхтæ дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv