Сергей Меняйло бадомтта, цæмæй ацы фарстамæ уа карз цæстдар
Артаджы уавæр республикæйы сындæггай нывыл кæны. Ивгъуыд къуыри Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло бадомтта, цæмæй ацы фарстамæ уа карз цæстдард. Сæрмагонд ведомствæтæн бахæс кодта, æрвылбон бæрæг кæнын хи артаджы станцæты бензины бæрц æмæ йæ хæрзхъæддзинад. Уыимæ хицауад æмæ сæрмагонд ведомствæ райдыдтой кусын артаджы аргъы уæлæмæцыд бауромыныл. Абоны аппаратон æмбырды цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады министр Хъараты Тимур фехъусын кодта сæ куысты фыццаг хатдзæгты тыххæй. Артаджы резерв республикæйы у 80%, уыимæ æрвылбон кусынц егъау нефтебазæтимæ. Монополиты ныхмæ арæзт ведомствæ дæр йæ цæст дары, цæмæй артаджы хи станцæты хицæуттæ æргътæ хæрдмæ ма скæной. Ныртæккæ бензин ныккæныны тыххæй рады 30 минутæй фылдæр нал хъæуы лæууын.