Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады уæнгтæ сылгоймæгтæн лæвар кодтой дидинджытæ
«Сымахæн, нæ уарзон сылгоймæгтæ»! Ахæм сæргондимæ акци арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады уæнгтæ горæты уынгты сылгоймæгтæн балæвар кодтой алыхуызон тюльпантæ. Æдæппæтæй 100 дидинæгæй фылдæр. Бафтаудзыстæм ма уый, акци саразынæн баххуыс кодтой республикæйы фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнгтæ. Сæ фæзминаг хъæппæрис адæм федтой ныр æртыккаг хатт æмæ йыл йæ саразджытæ фидæны дæр сæ къух хъуамæ ма сисой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы скъоладзауты змæлды регионалон хайады уæнгтæ сылгоймæгтæн лæвар кодтой дидинджытæ
Категория:
Новости и СМИ