Хицауады хæдзары дзырдтой фæсаууон амалхъомдзинадимæ тох кæныны мадзæлттыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Йæ куыст æнæзакъонæй чи кæны, уыцы адæмы нымæц къаддæр кæныныл дзырдтой республикæйы хицауады хæдзары. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары 1-аг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег. Фарон фæсаууоны кусджытæ уыдысты 4657. Уыдонæй бынæттон администрациты сæрмагонд къордты архайды руаджы официалон æгъдауæй кусын райдыдтой 3982 адæймаджы. Ахæм бæрæггæнæнтæ æмбырды фехъусын кодта адæмæн куыст дæттыны комитеты сæрдар Платы Альбинæ. Æмæ кæд эпидемиологон уавæр коронавирусы ног инфекцийы тыххæй уæззау у, уæддæр ацы куысты хорз бæрæггæнæнтæ æвдисынц Æрæфы, Æрыдоны, Рахизфарсы æмæ Кировы районтæ. Министрадты цур арæзт къамистæ дæр ацы хъæугæ куыстмæ хæссынц се `вæрæн. Хорз бæрæггæнæнтæ æвдисынц хъæууон хæдзарад æмæ экономикон рæзты министрадтæ. Æххуыс сын кæны хъалонты федералон службæйы управленийы кусджытæ. Сæбæтхъуаты Æхсарбег куыд загъта, афтæмæй сæрмагонд къордтæ хъуамæ ноджы фæразæнгарддæр кæной сæ архайд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хицауады хæдзары дзырдтой фæсаууон амалхъомдзинадимæ тох кæныны мадзæлттыл

Категория:

Новости и СМИ